Æз дын мæ удæй арт кæнын
Ды та йæм хал дæр не’ппарыс
Дæ сыгъдæг номæй ард хæрын
Уæддæр мæ не’мбарыс
Æз дæ фыны дæр агурын
Ды та мæ бон дæр не’ссарыс
Мæ сусæг фæндтæ радзурын
Уæддæр, уæддæр мæ не’мбарыс
Æз дæ мæ зарæг рахонын
Ды та йыл зæл дæр не’фтауыс
Нæ цард фæндаг дын амонын
Уæддæр, уæддæр мæ не’мбарыс
Æз дын мæ цард дæр авæрин
Ды та мын къух дæр не’ндавыс
Зæрин тынтæй дын ракалын
Уæддæр, уæддæр мæ не’мбарыс
Æз, зон, дæ мæтæй батадтæн
Ды та мын мæ рызт не’нкъарыс
Сæрдыгон сыфтау баруаттын
Уæддæр, уæддæр мæ не’мбарыс
Кæдмæ цæрдзынæ хибарæй
Кæдмæ дæм хъардзæн искæй зонд
Æз зонын, зонын фидарæй
Мæн бамбардзынæ искæд бон.
Песня Diana Besolti - Ne ‘mbarys
Текст Песни Diana Besolti - Ne ‘mbarys
Ne ‘mbarys - Diana Besolti Текст Песни
ПОХОЖИЕ ТЕКСТЫ
